Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 20:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 20:18
6 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронтимӕ.


Сарӕ загъта Аврамӕн: «Дунедарӕг мын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕмӕ уӕд та мӕ унӕутмӕ бацу, кӕд уый фӕрцы уӕддӕр схӕдзар уаин». Аврам сразы ис Сарӕимӕ.


Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».


Йаков рамӕсты ис Рахелмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот».


Йе ’мыджыр та йыл ӕфхӕрынӕй нӕ ауӕрста, мӕстӕй йӕ мардта, Дунедарӕг ын зӕнӕг кӕй нӕ радта, уый тыххӕй.


Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan