Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 20:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин ӕвзист шекелы, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин ӕвзист шекелы, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕриддӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 20:16
11 Iomraidhean Croise  

Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.


Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».


Авраамы цагъары афарста: «Быдыры махӕрдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрбатыхта.


Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕлгӕ нӕй».


Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.


Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.


Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф — хуыздӕр.


Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan