Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 2:8
12 Iomraidhean Croise  

Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.


Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ.


Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.


Каин рацыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнварс Ноды зӕххыл цӕугӕцард кодта.


Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны.


Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.


Демӕ базар кодтой Харан, Канне, Еден, Сава, Ассири ӕмӕ Килмады сӕудӕджертӕ.


Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.


Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


Уӕдӕ ды Едемы бӕлӕстӕй кӕй баййӕфтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысӕй? Ныр ды дӕр Едемы бӕлӕстау ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ мӕрдтыбӕстӕм ӕмӕ ӕнӕсунӕтты, карды амӕттаг чи баци, уыдоны ’хсӕн лӕзӕрдзынӕ. Уыдон сты фараон ӕмӕ йӕ бирӕ дӕм», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Сӕ развӕндагыл бӕстӕ артау судздзӕнис, сӕ фӕстӕ арты ’взӕгтӕ алцы ныхъуырдзысты. Сӕ разӕй зӕхх — Едемы дыргъдон, сӕ фӕстӕ та — ӕдзӕрӕг быдыр. Ничи аирвӕздзӕн уыдонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan