Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ. Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ. Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 2:4
27 Iomraidhean Croise  

Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.


Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн».


Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.


Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — алцыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыди изӕр, уыди райсом — ӕхсӕзӕм бон.


Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый ӕмӕ йӕ фӕхицӕн кодта тарӕй.


Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзарвӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.


Мӕнӕ Симы хӕдзарвӕндаг. Симыл фондзыссӕдз азы куы цыд, уый та уыди доныхъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕдӕр, уӕд ын райгуырд Арфахсад.


Хуыцау арфӕ ракодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ скодта уаз, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.


Мӕнӕ, Саррӕйы мысыраг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы Измаелы байзӕддӕгтӕ.


Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Авраамӕн райгуырд Исаак.


Мӕнӕ Исавы (ома Едомы) байзӕддӕгтӕ.


Мӕнӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.


Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс,


Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!»


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлты Хуыцау! Уӕлӕрвтӕн дӕр ӕмӕ алы паддзахадӕн дӕр сӕ Хуыцау Ды куы дӕ! Хъару ӕмӕ хъомыс Дӕумӕ куы сты! Дӕ ныхмӕ ӕрлӕууын куы никӕй бон у!


Къӕвдайӕн фыд ис? Чи у йӕ ныййарӕг ӕртӕхӕн?


Ӕз зӕхх куы арӕзтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд дзуапп ратт.


Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!


Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.


Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй


«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.


«Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Дунедарӕг, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцау, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, Уый.


Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan