1 Афтӕ сӕнтысти дуне.
Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.
Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ. Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста,
Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.
Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»
Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!
Чи нӕ зоны, алцыдӕр Дунедарӕг сфӕлдыста, уый?
Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.
Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:
Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.
Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.
Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.
Зӕххы сӕрмӕ арв цас бӕрзонд у, уый бӕрц бӕрзонддӕр сты Мӕ гӕнӕнтӕ дӕр сымах гӕнӕнтӕй, Мӕ хъуыдытӕ та — уӕ хъуыдытӕй.
Мӕнӕ фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ зӕхх нал ӕрымысдзыстут, нал ӕрлӕудзысты уӕ зӕрдыл.
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:
Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы:
Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!
Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонмӕ, пехуымпартӕм куыд фыст ис, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы кусӕрттӕ Мӕнӕн кодтат ӕмӕ нывӕндтӕ Мӕнӕн хастат?
Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува,
Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.
Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ уымӕн цӕуӕм уыцы ӕнцойадмӕ, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта: «Ӕз Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау, дуне куы сфӕлдыста, уӕд арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ.