Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сын кӕнут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сын кӕнут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:8
12 Iomraidhean Croise  

Уӕ цагъарӕн йӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын ӕз ӕрӕвӕрдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕхъуыртхъом уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз, куыд загътай, афтӕ бакӕн».


ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут.


Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Бениамины дӕм фӕстӕмӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн».


Аарон ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ма мӕсты кӕн. Ацы адӕм фыд ракӕнынмӕ ӕмхиц сты, уый зоныс.


Ӕдзӕсгомӕн зонд чи амона, уый йӕхи сӕгад кӕндзӕн; ӕнӕхуыцауы азымджын чи кӕна, уый йӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн.


Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


Уымӕн ӕмӕ, цы загътаид, уый нӕ зыдта — афтӕ тынг фӕтарстысты.


Уӕд та, — чидӕртӕ мыл куыд мысынц, цыма уӕ ӕз ууыл ахуыр кӕнын, уыйау, — ӕвзӕрдзинад кӕнын райдайӕм, цӕмӕй хорздзинад расайа? Уыцы адӕймӕгты, цы тӕрхоны аккаг сты, уый баййафдзӕн.


Хӕдзары хицау сӕм рацыд ӕмӕ сын лӕгъстӕ кодта: «Ӕфсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, ахӕм фыдракӕнд ма саразут! Мӕ уазӕг у, чъизи хъуыддаг ма бакӕнут.


Фӕлтау уын ме ’нӕцыд чызджы ӕмӕ йӕ номылусы ратдзынӕн. Фӕхъазут сӕ, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, ӕрмӕст мын мӕ уазӕгӕн ахӕм чъизи ми ма бакӕнут!»


Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan