Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:5
23 Iomraidhean Croise  

Лот сӕм къӕсӕрмӕ рауади, дуар йӕ фӕдыл рахгӕдта


Фӕзындис сӕм дины хъахбай лӕгтӕ дӕр ӕмӕ, Дунедарӕг кӕддӕр Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕппӕт ӕлгъаг митӕ фӕзмын байдыдтой.


Иосафат ныццагъта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, Йӕ фыд Асайы заманӕй ма чи баззади, уыдоны.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!


Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.


Схъал сты ӕмӕ Мӕ разы ӕлгъаг митӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕ куы федтон, уӕд сыл Мӕхи атигъ кодтон.


Самарийы тӕригъӕдтӕ дӕр дӕу тӕригъӕдтӕн се ’мбисы бӕрц нӕ баисты. Де ’лгъаг митӕй амбылдтай дӕ хоты, ӕмӕ, ды цы ’лгъаг митӕ кодтай, уыдоны раз дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты.


Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат ма ӕрцу — уый ӕлгъаг ми у.


Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймаг ӕндӕр лӕгимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд сӕ дыууӕ дӕр, ӕлгъаг ми кӕй бакодтой, уымӕ гӕсгӕ мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,


Израилаг сылыстӕгӕй хъахбай мачи уӕд, израилаг нӕлгоймӕгтӕй кувӕндоны хъахбай мачи уӕд!


хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.


Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.


Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.


хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта,


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan