Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:29
21 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.


Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.


Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Ӕппӕт уыдӕттӕ мын бахъуыды кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ, мӕ Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы биноныг хъуыддӕгтӕ сарӕзтон, уыдон мын нымад ӕрцӕуӕнт!


Левиттӕн загътон, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ кулдуары раз хъалагъур ӕрлӕууой, сабаты бон уаз куыд уа, афтӕ. Уыдӕттӕ дӕр мын ма ферох кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ мын ныххатыр кӕн Де стыр хорзӕхы фӕрцы!


Ды дӕ тӕригъӕдӕй дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан, дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты ахады ӕрмӕстдӕр.


Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой, цагъартӕ сӕ фестын кодтой.


Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта Йӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.


Уыдонӕй иутӕ фӕдзӕгъӕл сты сыгъд быдыры, ӕмӕ ма искуы исты сахар, исты хъӕу ссардзысты, уый сӕ нал уырныдта.


Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.


уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕртӕ лӕджы нӕдӕр сӕ фыртты фервӕзын кодтаиккой, нӕдӕр сӕ чызджыты, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, зӕхх та ӕдзӕрӕг быдыр фестадаид.


Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.


Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.


Дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы хатырӕй фӕгӕдзӕ кӕн ацы ӕнӕсӕттон адӕмӕн, сӕ азым ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныббар,


Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.


хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan