Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уартӕ уыцы чысыл сахар хӕстӕг у! Цӕй, уырдӕм алидзон! Чысыл у, ӕмӕ уым удӕгасӕй баззайдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Уартӕ уыцы чысыл сахар хӕстӕг у! Цӕй, уырдӕм алидзон! Чысыл у, ӕмӕ уым удӕгасӕй баззайдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:20
9 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».


Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.


Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн.


Цоарӕй Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ ссыди хӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕндыди Цоары цӕрын. Ӕрбынат кодтой лӕгӕты.


Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.


Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan