Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Фӕлӕ Лот фӕстиат кодта, ӕмӕ йын лӕгтӕ йӕ къухыл рахӕцыдысты. Рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Фӕлӕ Лот фӕстиат кодта, ӕмӕ йын лӕгтӕ йӕ къухыл рахӕцыдысты. Рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:16
39 Iomraidhean Croise  

Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут».


Фӕстиат куынӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй».


Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Ды Дӕ бӕрзӕндӕй донхорыг кӕныс хӕхтӕ, зӕхх дӕр Дӕ фӕрцы у ӕфсӕст.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!


Зарӕг. Давиды псалом.


Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.


Тӕхудиаг сты уыдон, сӕ фӕндаг ӕнӕкъӕм кӕмӕн у, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.


Вавилоны цӕугӕдӕтты был-иу бадтыстӕм ӕмӕ нӕ цӕссыг калдтам, Сион мысгӕйӕ.


Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.


Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.


Састзӕрдӕты фарсмӕ ’рбалӕууы Дунедарӕг, фервӕзын кӕны ныфссасты.


Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.


Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».


Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.


Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —


„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.


Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.


Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд Мӕм ӕй куынӕ ӕрбакӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.


Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.


Арфӕгонд уӕд нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ нӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау.


Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


уӕд-иу сын зӕгъут: „Мах цагъартӕ уыдыстӕм Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ нӕ Йӕ хъомысы фӕрцы ракодта Дунедарӕг Мысырӕй;


Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.


уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.


Уыдон ацыдысты ӕмӕ Рахавы йӕ фыд, йӕ мад, йе ’фсымӕртӕ, йӕ хӕстӕджытимӕ сахарӕй ракодтой ӕмӕ сын израилӕгты рӕсӕнуаты ӕдде ӕрбынат кодтой.


хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта,


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan