Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 19:13
21 Iomraidhean Croise  

Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.


Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, сӕ тӕригъӕд уӕззау у.


Лотӕн йӕ уазджытӕ загътой: «Ам ма дын чи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй, ӕндӕрӕй дын сахары чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй,


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, йӕ ныддӕрӕн кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ».


Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


«Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!»


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Ацы ӕлгъыстытӕ уыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ кӕй нӕ кастыстут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк кӕй не ’ххӕст кодтат, уый тыххӕй уӕ фӕдыл ӕфтыд уыдзысты ӕмӕ уӕ уӕгъд не суадздзысты, цалынмӕ бындзагъд фӕуат, уӕдмӕ.


уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan