Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:4
9 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».


Уазӕг сӕм мидӕмӕ бацыди. Теуаты суӕгъд кодтой ӕмӕ сын радтой хъӕмп ӕмӕ холлаг, уазӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та — дон, сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн.


ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.


Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта.


Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.


Йӕ хӕдзармӕ сӕ бахуыдта ӕмӕ сын сӕ хӕрджытӕн холлаг радта. Бӕлццӕттӕ сӕ къӕхтӕ цӕхсадтой ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадтысты.


Уый сыстад, зӕххыл ныддӕлгом ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дӕ цагъар дӕн ӕмӕ цӕттӕ дӕн ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan