Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй ныббардзынӕн уыцы бынатӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй ныббардзынӕн уыцы бынатӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:26
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый Авраамӕй цӕмӕн бамбӕхсон!


Кӕд дӕ адӕм денджызы змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, Израил, уӕддӕр сӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн ӕрмӕст чысыл къорд; се сӕфт рагацау нысангонд у, раст тӕрхон сӕ баййафдзӕн.


Уыцы заман Израил Мысыр ӕмӕ Ассирийӕн суыдзӕни се ’ртыккаг ӕмбал — се ’мдӕндаг. Ӕмӕ Израилы фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр арфӕгонд фӕуыдзӕн.


Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».


Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.


«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!


Агуырдтон сӕм ахӕм лӕджы, сахары быру кӕм ракӕлы, уым а бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ чи самайа, цӕмӕй йӕ Ӕз ма бабын кӕнон, фӕлӕ не ссардтон.


Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan