Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:25
35 Iomraidhean Croise  

Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй?


Хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн — тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн.


Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».


Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.


Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ: Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн.


Ӕцӕг, Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс раст тӕрхон не сзыгъуыммӕ кӕны.


Хуыцау нӕ аппардзӕни рӕстаджы ӕмӕ фыдгӕнӕджы фарс нӕ фӕлӕудзӕн.


Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны? Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?


Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.


Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.


Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, Уый.


Йӕ цатыр ис Салимы, Йӕ цӕрӕнбынат — Сионы хохыл.


Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй, кады зарджытӕй Йӕ стауӕм,


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!


Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон ис».


Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.


Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон.


О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?


Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.


Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе ’фсымӕрты ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр.


Тӕрхон кӕнгӕйӕ, хъулон макӕй кӕнут: стырмӕ дӕр ӕмӕ чысылмӕ дӕр хъусут, макӕмӕй тӕрсут — тӕрхон Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Зынӕвзарӕн уын цы хъуыддаг уа, уый та-иу мӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнут, ӕмӕ йӕм ӕз ӕркӕсдзынӕн“.


Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.


уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,


Ӕз дӕу ницӕмӕй бафхӕрдтон, ды та мын аразыс фыдбылыз — мӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыдтӕ. Уӕдӕ ныр израилӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты хъаст Дунедарӕг — Тӕрхонгӕнӕг — равзарӕд Йӕхӕдӕг!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan