Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:2
23 Iomraidhean Croise  

Аврам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта:


Уазджытӕ сыстадысты ӕмӕ уырдыгӕй ацыдысты Содомы ’рдӕм. Авраам сӕ фӕдыл рацыди, цӕмӕй сӕ афӕндараст кӕна.


Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз.


ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, ныддӕлгом ис зӕххыл


Авраам та йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн


Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, хеттӕгтӕн,


Изӕры Исаак быдырмӕ рацыд ӕмӕ хъуыдытӕ кодта. Кӕсы ӕмӕ уыны: теуатӕ ӕрбацӕуынц.


Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.


Йосеф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосеф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахизын кодта ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.


Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.


Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.


Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.


Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»


Кӕрӕдзийы-иу суазӕг кӕнут зӕрдиагӕй, ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй.


Дунедарӕджы зӕд Маноахы усмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ды ӕнӕзӕнӕг дӕ, цот дын нӕй, фӕлӕ банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни.


Руф йӕ разы ӕрзоныг кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уагӕр дын уый бӕрц цӕмӕй балхӕдтон дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ, кӕд ӕндӕрбӕстаг дӕн, уӕддӕр мӕм де ’ргом раздахай?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan