Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:12
12 Iomraidhean Croise  

Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»


Дунедарӕг Авраамӕн загъта: «Цӕмӕн бахудти Саррӕ? Цӕмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы, ацы зӕронд бадӕн ӕмӕ ма куыд ныййардзынӕн, зӕгъгӕ?


Елисей йын загъта: «Иннӕ ацафон дӕ хъӕбысы уыдзӕни лӕппу». Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, дӕ нывонд фӕуон, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг! Уымӕн уӕвӕн нӕй ӕмӕ мын дзӕгъӕл ныфсытӕ ма ӕвӕр!»


Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут, ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут — фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг. Дунедарӕг кӕй уарзы, уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.


Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.


Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.


Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йе ’лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.


Сылгоймаг сӕумӕцъӕхӕй, йӕ сӕрыхицау фысымуат кӕм скодта, уыцы хӕдзармӕ ӕрбацыди, къӕсӕрыл ӕрхауд ӕмӕ хурыскастмӕ уым баззади.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan