Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 18:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 18:11
14 Iomraidhean Croise  

Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»


Авраам нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд уыди, сунӕтгонд куы ӕрцыди, уӕд, йӕ фырт Измаел та — ӕртындӕсаздзыд.


Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сывӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт».


Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Ме ’лдарӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдар йӕ фыртӕн радта йе ’ппӕт исбон дӕр.


Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.


Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон туг куы цӕуа, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. Чи йыл бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Захариа бафарста Зӕды: «Ӕз ууыл куыд хъуамӕ баууӕндон, кӕд ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр зӕронд дӕн, стӕй мӕ ус дӕр зӕронд у, уӕд?»


Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы.


Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.


Авраам ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у йӕ фырт Исаакы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын, ӕмӕ йын ӕй ӕцӕгӕйдӕр фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ.


Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan