Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 17:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 17:5
16 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ.


Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.


Загъта йын: «Дӕ ном Йаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Йаков нӕ — Израил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил.


ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.


Аврам, кӕнӕ Авраам.


Ды — Дунедарӕг Хуыцау, сӕвзӕрстай Аврамы. Халдейаг Урӕй йӕ ракодтай ӕмӕ йын радтай ном Авраам.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Дыккаг бон Пашхур Йеремиайы йӕ хъадамантӕй суӕгъд кодта, ӕмӕ йын Йеремиа загъта: «Дунедарӕг дыл Пашхуры бӕсты сӕвӕрдзӕн ӕндӕр ном — Магор-Миссавив,


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


Гады мыггагӕй — Геуел, Махийы фырт.


Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр).


Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan