Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 17:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Сунӕт кӕнут уӕхицӕн — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Сунӕт кӕнут уӕхицӕн — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 17:11
9 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ ма уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд аразын, уый нысан:


Давид Саулы фырт Йевосфетмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ратт мын мӕ ус Мелхолӕйы. Ӕз ууыл филистимӕгты сунӕты сӕдӕ лыггаджы бафыстон».


Ӕрцӕуӕггаг чи у уе ’хсӕн, уый куы бафӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кӕнын, уӕд-иу ын йӕ хӕдзары нӕлгоймӕгтӕн се ’гасӕн дӕр сунӕт скӕнут. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни Куадзӕн скӕнын, уымӕн ӕмӕ нымад ӕрцӕудзӕни бынӕттон цӕрӕгыл. Ӕнӕсунӕттӕй дзы мачи саходӕд.


Уӕд Циппора райста ӕхсон цыргъаг, йӕ лӕппуйӕн скодта сунӕт, сунӕты лыггагӕй байсӕрста Моисейы къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг».


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут.


Йешуа ӕхсон кӕрдтӕ сарӕзта, ӕмӕ израилӕгтӕн сунӕт скодта, «Сунӕты къуыбыр» кӕй схуыдтой, уым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan