Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 16:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 16:10
25 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс».


Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рауадздзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у».


йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта.


Уӕлӕмӕ сыст! Сывӕллоны сыстын кӕн ӕмӕ йын йӕ къухыл фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм».


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.


Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен.


Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой.


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan