Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 15:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 15:18
58 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн.


Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы Ассирийы скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат.


Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —


Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»


Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн».


Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».


Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?! Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ, ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ! Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз? Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?


Давид басаста Реховы фырт Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы, уый Евфраты тӕрфмӕ йӕ раздӕры бархъомыс сӕндидзынмӕ куы бабырста, уӕд.


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.


Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ.


Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.


скӕсӕнӕрдыгӕй та — Евфраты доны ацы фарс ӕдзӕрӕг быдыры онг, уымӕн ӕмӕ Галаады зӕххыл сбирӕ сты сӕ фосы дзугтӕ.


Уыцы заман Соломон авд боны дӕргъы бӕрӕгбон скодта. Ӕгас Израил, ӕнӕнымӕц адӕм ӕрӕмбырд ис, Лево-Хаматӕй Мысыры тӕрфы онг чи царди, уыдон се ’ппӕт дӕр.


Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ, — сӕ мыггаг израилӕгтӕн бынтон сыскъуынын кӕмӕн нӕ бантыст, уыдонӕн сӕ фӕстагӕтты Соломон бафтыдта тыхбегарайы куыстытыл, ӕмӕ сӕ ныронг дӕр кӕнынц.


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Соломоны дӕлбар.


Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.


Иузӕрдион Дыл кӕй у, уый федтай ӕмӕ йемӕ фидыд сарӕзтай: йӕ байзӕддагӕн ын ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ гиргашӕгты зӕххытӕ кӕй ратдзынӕ, уымӕй йын зӕрдӕ бавӕрдтай. Ӕмӕ сӕххӕст кодтай Дӕ дзырд, уымӕн ӕмӕ Ды дӕ раст Хуыцау.


Се знӕгтӕ фӕдӕлдон сты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт.


Моисей ма ноджыдӕр загъта: «Дунедарӕг уӕ Ханааны зӕхмӕ куы бакӕна — уымӕн ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр уыцы зӕхх раттынӕй зӕрдӕ бавӕрдта, —


Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.


Мӕ зӕд ацӕудзӕн уӕ разӕй ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ йевусӕгтӕм — ӕмӕ Ӕз бабын кӕндзынӕн уыцы адӕмты.


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».


Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.


Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд.


Семӕ сарӕзтон фидыд ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдтон, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы Ханааны бӕстӕ сын кӕй ратдзынӕн.


Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»


Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.


Сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, уый сын радтай.


Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.


ӕмӕ Ӕз ӕрымысдзынӕн Мӕ фидыд Йаковимӕ, Мӕ фидыд Исаакимӕ ӕмӕ Мӕ фидыд Авраамимӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый.


Сӕ фыдӕлты сын Ӕз адӕмты раз ракодтон Мысырӕй, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау, ӕмӕ сӕ сӕраппонд, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕрымысдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн».


Уырдыгӕй азилдзӕн Мысыры лӕнкмӕ ӕмӕ денджызмӕ бахӕццӕ уыдзӕн,


Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр.


Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат — сымах уыдзӕн: ӕдзӕрӕг быдырӕй Ливанмӕ, Евфраты донӕй Зӕххастӕуы денджызы онг аххӕсдзысты уӕ зӕххытӕ.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ дӕ арӕнтӕ куы ныппарахат кӕна, уӕд-иу, кӕд дӕ бафӕнда, уӕд хӕр фыдызгъӕл, цас дӕ хъӕуа, уый бӕрц.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодта, афтӕ, уӕ арӕнтӕ куы суӕрӕх кӕна ӕмӕ уын, уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый ӕнӕхъӕнӕй куы ратта


Загъта йын Дунедарӕг: «Уый дын, уӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн кӕй тыххӕй басомы кодтон, уыцы бӕстӕ. Дӕ цӕстӕй дын ӕй фенын кодтон, фӕлӕ йӕм дӕ къах нӕ бавӕрдзынӕ».


Куы уӕ бакӕна Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ байсынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уырдӕм ӕмӕ куы фӕсура уӕ цурӕй, нымӕцӕй дӕр сымахӕй фылдӕр, хъаруйӕ дӕр сымахӕй ӕххӕстдӕр авд адӕмыхатты: хеттӕгты, гиргашӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, перизӕгты, хиввӕгты, евусӕгты,


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй.


бахӕццӕ Ацмонмӕ, рахызти Мысыры арӕныл тӕрфмӕ ӕмӕ йӕ кӕрон Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттӕм бахаста. Ахӕм уыдис Иудӕйы хуссайраг арӕн.


Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Евфраты стыр доны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды суӕгъд кӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan