Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 15:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 15:16
18 Iomraidhean Croise  

ноджы ма — йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,


Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн.


Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».


Дунедарӕг Израилы адӕмы сӕраппонд сӕ фыдӕй-фыртмӕйы зӕххытӕ кӕмӕн байста, уыцы аморӕгтау Ахав дӕр бирӕ ӕлгъаг митӕ кодта, гуымирытӕм куывта.


иудейаг паддзах Менассиа суанг аморӕгтӕй дӕр, ацы бӕстӕйы раздӕры цӕрджытӕй, фӕфыддӕр ис ӕлгъаг митӕ нывӕндынмӕ. Иудейы адӕмы тӕригъӕдты азымы баппӕрста йӕ гуымирытӕм кувынӕй.


Дунедарӕг сӕ цал хатты бахызта фыдбылызӕй! Фӕлӕ Йӕ уыдон мӕсты кодтой сӕ хиваст митӕй, сӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕгады бынатмӕ ’рхаудысты.


Израилӕгтӕ Мысыры фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.


Сӕ кӕрон куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ уой, уӕд фӕзындзӕни цъаммар ӕмӕ мӕнгард паддзах.


Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.


Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй куы фӕсура, уӕд уӕм уӕ зӕрдӕ афтӕ ма сдзурӕд: „Рӕстгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодта Дунедарӕг ардӕм, цӕмӕй ацы бӕстӕ бацахсӕм“. Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй суры Дунедарӕг уыцы адӕмты уӕ цурӕй.


Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan