Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 14:7
19 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ ацы цъай хонынц «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ’хсӕн.


Авраам уырдыгӕй араст ис Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕнцади Кадешӕй Шуры ’хсӕн. Иу заман царди Герары.


Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалекы. Уыдон — Исавӕн йӕ ус Адайӕ цы зӕнӕг рацыд, уыдоны зӕнӕг.


Корах, Гатам, Амалек. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уыдон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг.


Иосафатмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Денджызы фалейӕ, Сирийы ’рдыгӕй дӕм ӕрбабырсынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ. Ныридӕгӕн бахӕццӕ сты Хацецон-Тамармӕ» (ома Ен-Гедимӕ).


Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.


Гады хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн ис Негев, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон — суанг Стыр денджызы онг.


Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.


Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ».


Уыцы хӕхты цӕрӕг амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ сӕ размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой, сӕ уӕлныхты сӕ айстой ӕмӕ сӕ Хормайы раз балӕууын кодтой.


Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.


Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».


Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.


Кадешы дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат стут.


Нившан, Ир-Мелах ӕмӕ Ен-Геди — ӕхсӕз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan