Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 14:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 14:5
28 Iomraidhean Croise  

Дыууадӕс азы дӕргъы уыдысты Кедорлаомеры ӕфсондзы бын, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз йӕ ныхмӕ растадысты.


хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рефаимтӕ,


Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты хуымгӕрдӕнафон. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд.


Филистимӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой.


Филистимӕгтӕ та ногӕй ссыдысты ӕмӕ Рефаимы дӕлвӕз бацахстой.


Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты къӕдзӕхрӕбынмӕ. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд.


Уалынмӕ филистимӕгтӕ ӕрбабырстой Рефаимы дӕлвӕзмӕ.


ссардтой, дзӕбӕх, сойджын сӕрвӕттӕ кӕм уыд, ахӕм бӕстӕ, алырдӕм дӕр парахат, сабыр ӕмӕ ӕдас. Уыдоны размӕ дзы Хамы байзӕддӕгтӕ цардысты.


Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.


цӕмӕй сӕ байзӕддагӕн сӕ хал, сӕ бӕндӕн фӕхауа, алы адӕмтӕ, алы бӕстӕтыл ныххӕлиу уой.


Ӕрхӕссӕнт Ын арфӕйы нывӕндтӕ, цинӕй райгӕйӕ Йын ӕппӕлӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕй!


Уыцы заман уыдзӕни тыллӕгӕфснайӕнтау: хуымгӕрдӕг бафснайы йӕ хортӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Рефаимы дӕлвӕзы мӕгуыртӕ ӕруидзынц, цы иугай ӕфсиртӕ ма дзы аззайы, уыдон.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.


Рувимы байзӕддӕгтӕ ногӕй сарӕзтой Хешбон, Елале ӕмӕ Кирйатаим,


Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.


Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.)


цалынмӕ Дунедарӕг уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ратта ӕнцой ӕмӕ сын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Иорданы фале цы зӕхх дӕтты, уый сӕхи бакӕной, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ уӕ алчидӕр ӕрбаздӕхдзӕн, цы зӕхх ын схай кодтон, уырдӕм“.


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“.


Башаны паддзах Ог, рефаимты баззайӕггӕгтӕй, цардис Аштароты ӕмӕ Едреийы.


ома Башаны паддзах Огы, рефаимты фӕстаг байзӕддаджы, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахартӕ уыдысты Аштарот ӕмӕ Едреи). Сигоны ӕмӕ Огы басаста Моисей, сӕ зӕххытӕ сын байста.


Кирйатаим, Сивма, Церет-Шахар Иорданы скӕсӕнбыл хӕхбӕсты,


Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.


стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan