Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 14:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 14:21
6 Iomraidhean Croise  

Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.


Шидимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудысты уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты хӕхтӕм.


Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты.


Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.


Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:


Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan