Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 14:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 14:11
8 Iomraidhean Croise  

Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.


Шидимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудысты уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты хӕхтӕм.


Уацары акодтой Аврамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.


Аврам фӕстӕмӕ байста ӕппӕт исбон, ракодта йӕ хион Лоты дӕр ӕд исбон, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ уацайрӕгты.


Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».


Дӕ цӕстыты раз дын дӕ гал аргӕвддзысты, фӕлӕ дзы ды нӕ фӕхъӕстӕ уыдзынӕ. Дӕ хӕрӕг дын байсдзысты, ӕмӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Де знӕгты амӕттаг бауыдзысты дӕ фысвос, ӕмӕ дын ничи баххуыс кӕндзӕн.


Дунедарӕджы азарӕй дӕ уӕрджытӕ ӕмӕ дӕ зӕнгтӕ рафаддзысты, ӕмӕ сын хос нӕ ардзынӕ, сӕрӕй къӕхтӕм сынчъытӕй нал зындзынӕ.


Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan