Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 13:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 13:7
20 Iomraidhean Croise  

сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,


фӕлӕ Авимелехӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы цъай схуыдта Есек.


Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Уӕдмӕ фыййӕуттӕ фӕзындысты ӕмӕ сӕ хъуамӕ атардтаиккой. Моисей чызджыты сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта.


Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос, алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.


хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа, уӕд фехӕлдзӕн.


уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын монцты дӕлбар стут. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут, хъаугъамӕ гӕппӕввонгӕй лӕуут, уӕд уый исты, уӕ буары тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар кӕй стут ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕг адӕмы цардӕй кӕй цӕрут, уый нӕ нысан кӕны?


мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,


Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.


Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут.


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.


Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?


Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan