Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 13:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 13:11
11 Iomraidhean Croise  

Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.


Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл, Лот та ныццыди дӕлвӕзы сахарты ’рдӕм. Йӕ цатыртӕ айтыгъта Содомы раз.


Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл.


Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуарӕм. Ды галиуӕрдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизӕрдӕм. Намӕ ды аздӕх рахизӕрдӕм, ӕз та — галиуӕрдӕм».


Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»


Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.


Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Скӕсӕйнаг арӕнхахх ӕрӕвӕрут Хавран ӕмӕ Дамаскы ’хсӕн арӕныл ӕмӕ йӕ рауадзут Галаад ӕмӕ Израилы ’хсӕнты кӕлӕг Иорданыл, цӕгатаг арӕнӕй скӕсӕйнаг денджызы онг. Уый у скӕсӕйнаг арӕн.


Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.


Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan