Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 12:5
13 Iomraidhean Croise  

сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.


Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.


Аврамимӕ цӕугӕцард чи кодта, уыцы Лотмӕ дӕр уыди лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, стӕй цатыртӕ.


Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг ис.


Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдоны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ.


Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».


Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ.


Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Йаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм фӕцыд ӕд устытӕ, ӕд цот, ӕд хӕдзаронтӕ, ӕд фосы дзугтӕ ӕмӕ, Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр бынтӕ скодта, ӕппӕт уыдонимӕ.


Фӕлӕ, сауджын ӕлхӕнгӕ кӕй бакӕна, уымӕн йӕ бон у кувинӕгтӕй хӕрын. Сауджыны хойрагӕй хӕрын ӕмбӕлы, йӕ хӕдзары чи райгуыра, уыцы цагъарӕн дӕр.


Уыйадыл Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Хараны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan