Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 12:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 12:2
38 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».


Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Авраамӕй рантысдзӕни нымӕцӕй бирӕ ӕмӕ хъомысджын адӕм. Авраамы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.


Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —


Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни.


Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“ Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй


Ды дӕ тӕригъӕдӕй дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан, дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты ахады ӕрмӕстдӕр.


Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.


Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».


Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.


Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ.


Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.


Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм! Сымах ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг уыдыстут, фӕлӕ уӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ суыдзыстут арфӕгонд. Ма тӕрсут! Уӕ ныфс ма фӕцудӕд!»


Ӕз сыл рын сыстын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн. Дӕ мыггагӕй та ног адӕм рауадздзынӕн, адонӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр».


Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».


Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн цы арфӕ ракодта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттӕгтыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.


Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan