Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 12:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 12:13
18 Iomraidhean Croise  

Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Милка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ.


Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысырӕгтӕ федтой, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый.


Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.


Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».


Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.


Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?


Уӕд Йеремиа паддзах Цедекиайӕн загъта: «Уӕларвӕфсады Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм дӕхи куы раттай, уӕд фервӕздзынӕ, ацы сахар та сыгъд не ’рцӕудзӕн. Де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ.


Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ фыдӕх ныккалдзӕн Йӕ ныхмӕлӕуджытыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan