30 Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.
Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.
Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.
Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.
Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!
Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы.
Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.
Цорайы сахары цардис иу лӕг, Даны хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ном хуынди Маноах. Йӕ бинойнаг уыдис ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.
Елканайӕн уыди дыууӕ усы: сӕ иуӕн йӕ ном — Аннӕ, иннӕмӕн — Пениннӕ. Пениннӕйӕн уыди сывӕллӕттӕ, Аннӕйӕн та зӕнӕг нӕ цыди.
Аннӕйӕн-иу радта сӕрмагонд хай, уымӕн ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта, кӕд ын Дунедарӕг зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр.