Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 11:2
8 Iomraidhean Croise  

Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.


Ӕппӕт дунейы адӕм дзырдтой иу ӕвзагыл, пайда кодтой уыцы иу дзырдтӕй.


Уымӕ гӕсгӕ ацы сахар хонынц Вавилон. Дунедарӕг уым схӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.


Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм адардта йӕ фӕндаг. Афтӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.


Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Уый мын дзуапп радта: «Шинары зӕххыл ын хъуамӕ хӕдзар саразой. Алцыдӕр куы ’рцӕттӕ кӕной, уӕд ӕй уым, кӕм ӕмбӕлы, уыцы ран сӕвӕрдзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan