Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 10:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Офир, Хавила, Йовав. Адон иууылдӕр уыдысты Йоктаны байзӕддӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Офир, Хавила, Йовав. Адон иууылдӕр уыдысты Йоктаны байзӕддӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 10:29
15 Iomraidhean Croise  

Овал, Авимаел, Сава,


Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг.


Цӕугӕдӕттӕй сӕ иуӕн йӕ ном — Пишон. Уый кӕлы сыгъзӕринарӕх Хавилайы зӕххыл, кӕрӕй-кӕронмӕ.


Йӕ байзӕддӕгтӕ цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ассиримӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ’хсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.


Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы.


Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.


Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.


Ишмерай, Изли, Йовав — Елпаалы фырттӕ.


Сауджынтӕй ӕрыздӕхтысты Иедайа, Йехорив, Йахин,


Семӕ ӕрыздӕхтысты се ’рвадӕлтӕ дӕр, мыггӕгты хистӕртӕ, мин авдсӕдӕ ӕхсай лӕджы — Хуыцауы хӕдзары фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ.


Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.


Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ.


Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:


Адӕмы нымӕц афтӕ фӕкъаддӕр кӕндзынӕн, ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдон уыдзысты сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр, уыимӕ — офираг сыгъзӕринӕй».


Саул амалекӕгты басаста, дӕрӕнгӕнгӕ сӕ йӕ разӕй айста Хавилайӕ суанг Мысыры ӕмарӕн Шуры онг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan