Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 10:15
18 Iomraidhean Croise  

Стӕй Авраам сыстади марды цурӕй ӕмӕ хеттӕгтӕн загъта:


ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.


ӕмӕ Давид арвыста, чи у, уый сбӕрӕг кӕнынмӕ. Загътой йын: «Уый Вирсави у, Елиамы чызг, хеттаг Уриайы бинойнаг».


Уый фӕстӕ араст кодтой Галаадмӕ, стӕй та Тахтим-Ходшейы зӕхмӕ, бахӕццӕ сты Дан-Йаанмӕ. Уырдыгӕй баздӕхтысты Сидоны ’рдӕм,


Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.


Ныр дӕ худинаджы хъӕр айхъуысти, Сидон! Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар: «Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн, раст цыма арыны тухӕнтӕ не ’взӕрстон ӕмӕ цот нӕ ныййардтон; раст цыма не схастон лӕппутӕ ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».


Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.


Сидон ӕмӕ Арвады цӕрджытӕ дӕ бӕлӕгътӕрджытӕ уыдысты, къухӕй дӕсныйӕ дӕм чи уыд, уыдон та — дӕ наутӕрджытӕ.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сидоны ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.


Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan