Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 10:10
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы раз уыди ӕрдхӕрӕны цуанон. Уымӕн фӕзӕгъынц, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у Дунедарӕджы раз, зӕгъгӕ.


Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.


Уымӕ гӕсгӕ ацы сахар хонынц Вавилон. Дунедарӕг уым схӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.


Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал


Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр, Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр, Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста, Езекиа кӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх ис, уыцы хабар ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбарвыста фыстӕгимӕ.


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты фехъусын кодта Вавилоны, халдейӕгты зӕххы, фидӕн:


Мератаимы ныхмӕ схӕцут, Пекоды цӕрджыты бафхӕрут! Марут сӕ, фӕстаг лӕджы онг сӕ ныццӕгъдут, — зӕгъы Дунедарӕг, — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнут.


Демӕ базар кодтой Харан, Канне, Еден, Сава, Ассири ӕмӕ Килмады сӕудӕджертӕ.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?


Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн.


Уыдон Ассири ӕмӕ Нимроды зӕххытӕ кӕрдтӕй басӕтдзысты, ӕмӕ нӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Ассирийӕ.


Уый мын дзуапп радта: «Шинары зӕххыл ын хъуамӕ хӕдзар саразой. Алцыдӕр куы ’рцӕттӕ кӕной, уӕд ӕй уым, кӕм ӕмбӕлы, уыцы ран сӕвӕрдзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan