Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:9
17 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыди изӕр, уыди райсом — дыккаг бон.


Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!


Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта — рухс ӕмӕ тары астӕу.


Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!


Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.


Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ, Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.


Цӕугӕдӕттӕ денджызмӕ кӕлынц, фӕлӕ денджыз нӕ дзаг кӕны; дӕттӕ ног сӕ донгуырӕнмӕ раздӕхынц.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыди донӕй ӕмӕ доны фӕрцы.


ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan