Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕмӕй». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕмӕй». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:6
23 Iomraidhean Croise  

Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.


Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».


Йӕ комулӕфтӕй раирд вӕййы арв, Йӕ къух ӕрцӕвы цъыгъгъуытгӕнӕг калмы.


Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй, арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй.


Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ, джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон?


Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.


Стаут Ӕй, уӕлӕрвты сӕрмӕ уӕлдунетӕ, арвы сӕрмӕ цы дӕттӕ ис, уыдон.


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы Йӕ Кувӕндоны, стаут Ӕй уӕлӕрвты.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Дӕ хъыджы заман дӕ Дунедарӕг фехъусӕд, Йаковы Хуыцауы ном дӕ хъахъхъӕнӕд!


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


Мигътӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым къӕвда рауары; дымгӕ бӕлас кӕцырдӕм фӕлдаха, уыцырдӕм афӕлдӕхы, чи зоны — цӕгатӕрдӕм, чи зоны та — хуссарӕрдӕм.


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыди донӕй ӕмӕ доны фӕрцы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan