Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

28 Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:28
28 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».


Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын ныййардзӕни фырт. Раарфӕ кӕндзынӕн Саррӕйӕн, ӕмӕ дзы рантысдзысты адӕмтӕ, йӕ байзӕддӕгтӕ суыдзысты алы адӕмты паддзӕхтӕ».


Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».


Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.


сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Раарфӕ сын кодта ӕмӕ сӕ се сфӕлдисӕн бон рахуыдта «адӕймӕгтӕ».


Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ.


Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».


Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.


Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».


ӕхсӕзӕм — Аммиел, ӕвдӕм — Иссахар, ӕстӕм — Пеуллетай. Афтӕ Овед-Едомӕн раарфӕ кодта Хуыцау.


Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.


Йе стыр хъаруйӕ дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ?


Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.


Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай.


Цыдӕриддӕр сфӕлдыстай — йӕ бар ын сӕ бакодтай, ӕппӕтдӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай:


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн.


Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan