Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:22
16 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Уыди изӕр, уыди райсом: фӕндзӕм бон.


Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн».


Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».


Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ мӕхи хӕдзарӕн та кӕд кусон?»


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».


Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.


Хизы хӕхты, хъӕддаг сырдты хӕтӕнты.


Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.


Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ, ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan