Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:20
17 Iomraidhean Croise  

Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.


Уыди изӕр, уыди райсом: цыппӕрӕм бон.


Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».


Зӕхх ӕмӕ арвыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, цыдӕриддӕр цӕры ӕмӕ улӕфы, уыдонӕн та хӕрынӕн дӕттын, зӕххыл цы цъӕххал зайы, уый». Ӕмӕ сси афтӕ.


Хуыцау сфӕлдыста ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕджы бынмӕ цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй.


Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый.


Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.


Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».


Раныхас-иу кодта алы бӕлас, алы зайӕгойы тыххӕй, ливайнаг кедрӕй райдай ӕмӕ, къулы скъуыды чи разайы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр.


Чи нӕ зоны, алцыдӕр Дунедарӕг сфӕлдыста, уый?


сырдтӕ ӕмӕ ӕппӕт фос, хилӕгойтӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ,


Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у!


Уыдонӕй кӕцыдӕриддӕр йӕ гуыбыны цъарыл быры, цыппар къахыл цӕуы кӕнӕ бирӕкъахджын у — сӕ фыдӕй сын ма фӕхъӕстӕ ут, ӕлгъаг сты.


Хилӕг цӕрӕгойтӕй макӕцыйы фыдӕй фӕхъӕстӕ ут, уӕхи дзы ма фӕчъизи кӕнут,


Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan