Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:2
17 Iomraidhean Croise  

Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


мигъты йӕ куы батыхтон ӕмӕ йӕ тарӕй куы бамбӕрзтон;


Галхӕфсытӕй нал зынди сӕ зӕхх, байдзаг сӕ ис паддзахӕн йӕ уат.


Сымах — Йӕ цагъар Авраамы байзӕддӕгтӕ, Йаковы фӕдонтӕ, Йе ’взӕрстытӕ.


Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Йерусалим, ме стырдӕр цин ды куынӕ уай, уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд!


Дунедарӕджы стаут, зӕххон цӕрджытӕ, стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ фурды ӕрфытӕ,


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


Ӕз райгуырдтӕн ӕнӕбын сӕрсӕфӕнтӕ ӕмӕ денджызты разӕй;


Маргъ йӕ ахстоны сӕрмӕ ратӕх-батӕх куыд байдайы, йӕ лӕппынты бӕллӕхӕй бахизыны охыл, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр бахиздзӕни Йерусалим, бахъахъхъӕндзӕн ӕй, ныббардзӕн ын ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕн».


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Кӕсын зӕхмӕ — сафтид ис бынтондӕр, скастӕн арвмӕ — рухсы цъыртт дзы нӕй.


Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Цӕргӕс йӕ ахстон куыд хъахъхъӕна, йӕ лӕппынты сӕрмӕ куыд зилдух кӕна, афтӕ йӕ базыртӕ айтыгъта ӕмӕ сӕ фелвӕста ӕмӕ ахаста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan