Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕмӕн — йӕхи хуыз, ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕмӕн — йӕхи хуыз, ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:12
11 Iomraidhean Croise  

Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ.


Уыди изӕр, уыди райсом: ӕртыккаг бон.


Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын, паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:


Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.


Уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг йӕхӕдӕг ратты: раздӕр ссӕуы ӕвзар, уый фӕстӕ фӕзыны ӕфсир, стӕй ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы.


Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй легъуи не ’ртондзынӕ, сындзкъутӕрӕй та — сӕнӕфсир.


Тауӕгӕн мыггаг Чи дӕтты, хӕрынӕн та — хойраг, Уый уын ратдзӕн мыггаг, ӕрзайын кӕндзӕн ӕмӕ сбирӕ кӕндзӕн уӕ рӕстады тыллӕг.


Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.


Арӕх къӕвда кӕй ӕфсады ӕмӕ, чи йӕ кусы, уымӕн тыллӕг цы зӕхх дӕтты, уый арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan