Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 1:11
20 Iomraidhean Croise  

Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕмӕн — йӕхи хуыз, ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Хуыцау загъта: «Ӕз уын хӕрынӕн дӕттын, зӕххы цъарыл мыггаг чи дӕтты, ӕппӕт уыцы зайӕгхал ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ӕппӕт уыцы дыргътӕ.


Ноджы ма йын бафӕдзӕхста: «Дыргъдоны бӕлӕстӕй кӕцыфӕндыйы дыргътӕй дӕр хӕр,


уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ’ртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыд,


Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас.


Хор цы зӕххыл ӕрзайы, уымӕн цыма йӕ арф арты батайын кодтой.


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Уый Йӕ ныхас загъта Йаковӕн, Йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ — Израилӕн.


Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.


Ахӕм адӕймаг, донбыл сагъд бӕласау ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕнтӕф заман кӕй ралӕудзӕн, уымӕй нӕ тӕрсы, йӕ сыфтӕр кӕддӕриддӕр — цъӕх. Хусрӕстӕгӕй йын тас нӕу, никуы баззайы ӕнӕ дыргъӕй.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!


Уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг йӕхӕдӕг ратты: раздӕр ссӕуы ӕвзар, уый фӕстӕ фӕзыны ӕфсир, стӕй ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы.


Фӕлӕ йын Хуыцау дӕтты, цавӕр Ӕй фӕнды, ахӕм буар, ӕмӕ афтӕ алы нӕмыгӕн дӕр — йӕхи буар.


Арӕх къӕвда кӕй ӕфсады ӕмӕ, чи йӕ кусы, уымӕн тыллӕг цы зӕхх дӕтты, уый арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;


Ме ’фсымӕртӕ, легъуи бӕласыл, мыййаг, оливӕ бӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та — легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan