Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 98:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 98:4
16 Iomraidhean Croise  

Давиды псалом. Иузӕрдиондзинад ӕмӕ раст тӕрхон стауын мӕ зарӕджы, Дӕуӕн зарын, Дунедарӕг!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Псалом. Зарӕг.


О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕнӕнт, райӕнт Хуыцауы раз.


Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар!


Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Зар, Сионы чызг! Дӕ цины хъӕр райхъуысӕд, Израил! Йерусалимы чызг, дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй!


Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!


Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan