Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 95:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 95:11
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый.


Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ.


Ӕмӕ Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: „Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон“».


Ӕнӕсӕттонтӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ ӕнцойадмӕ никуы бацӕудзыстут, зӕгъгӕ?


Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ уымӕн цӕуӕм уыцы ӕнцойадмӕ, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта: «Ӕз Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау, дуне куы сфӕлдыста, уӕд арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ.


Уыимӕ ма ноджыдӕр загъд ис: «Уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты».


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan