Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 92:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 92:3
17 Iomraidhean Croise  

Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй.


Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


Хъуамӕ-иу алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр ӕрлӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, арфӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ.


Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн,


Дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ ӕмӕ сӕ ных Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм сарӕзтой.


иннӕ ӕртыццаг хай — паддзахы галуаны цур ӕмӕ ма иу ӕртыццаг хай — Скӕсӕйнаг кулдуары цур, иннӕ адӕм та иууылдӕр — Кувӕндоны кӕртыты.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл.


Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау! Се ’рдынбостӕ куы айвазой, уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!


Дӕ фыдӕхы амӕттаг бауӕнт, Дӕ судзгӕ маст сӕ баййафӕд.


Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan