7 Ӕдылы сӕ нӕ зоны, ӕнӕфенд сӕ не ’мбары.
Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон.
Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.
Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕмӕ ныр дӕхӕдӕг ӕвдисӕн: Дунедарӕг мын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта. Израилы адӕм ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуагӕй куы цардысты, уӕд загъта Дунедарӕг уыцы ныхас Моисейӕн. Уӕдӕй нырмӕ рацыди фондз ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Ныр мыл фондз ӕмӕ цыппарыссӕдзы сӕххӕст.