Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 91:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 91:5
19 Iomraidhean Croise  

Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.


Уый зӕххы рыгӕй сисы мӕгуыры, фӕныкӕй сисы гӕвзыччы,


Ӕрӕмдзӕгъд кӕнут, ӕппӕт адӕмтӕ, цины хъӕртӕй сыстаут Хуыцауы!


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Се ’ппӕт дӕр — фӕлтӕрд ӕфсӕддонтӕ, кӕрдтӕй — ифтонг; алкӕмӕн дӕр — йӕ кард йӕ фарсыл: ӕхсӕвыгон мацӕмӕй уа тас.


Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Сымах ӕй уӕхӕдӕг зонут: хуыснӕг кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan