Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 91:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой, уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой, уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 91:14
17 Iomraidhean Croise  

Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле:


Уыйадыл Ахавайы цӕугӕдоны былӕй араст стӕм фыццаг мӕйы дыууадӕсӕм бон ӕмӕ нӕ фӕндаг адардтам Йерусалиммӕ. Нӕ Хуыцау ныл Йӕ арм дардта — Уый-иу нӕ фервӕзын кодта знӕгтӕй, стӕй-иу нӕ размӕ чи бабадти, уыдонӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Шушан едут»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зарӕг — ахуыр кӕнынӕн. Фыст ӕрцыдис,


Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн, фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн.


Дӕ ном Дын чи зоны, уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ, Дӕу чи агуры, уыдоны.


Дӕуӕн та, Дунедарӕг, Дӕ кад бӕрзонд у ӕнусмӕ!


Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.


Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ.


Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.


Уымӕн ӕмӕ уӕ Мӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы, Мӕн кӕй бауарзтат ӕмӕ, Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.


Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?


Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan